О, ахуыргæнæг, рухс фидæн нывгæнæг!

Ды зонды тæгтæй саразыс фæндыр:

Зæххон фидæнмæ рухс фæндтæ нывæндæг,

Ды, рæзгæ удты уалдзæджы быдыр!

 

Лæмæгъ байрагæй дугъон бæх ыскæныс!

Фæлмæн талатæй саразыс дыргъдон!

Цы уыдзæн райсом, – абон уый фæзоныс!

Æнусæй дугмæ нæу дæ цард æнцон!

 

Фæлладæй дæр хъынцъым кæнын нæ зоныс,

Дыккаг мад дæ зæххон рæзга фæлтæрæн.

Дæ хъарм зæрдæйы уарзты хур æмбæхсыс.

Дæ фæллой у æнусбонтæм æрдхæрæн!

 

О, бар нын ратт,- æркувæм дын нæ сæртæй!

Дæ хорздзинæдтæн СТЫР БУЗНЫГ зæгъæм!

Цы бон бахизæм скъолайы къæсæрæй,

Уæдæй фæстæмæ дæу зæххон зæд хонæм!

 

Гæджынон- Хабæты Риммæ.