Абон нæм редакцимæ ‘рбацыд Мальвинæ. Тынг æй фæнды, цæмæй нæ сабитæ бацархайой нæ литературно æркаст «Нæ хурты хуртæн»-ы.
Æркасты домæнтæ сты хуымæтæг:
🌺 Журнал «Ногдзау»— ы 3 номыры 38-39 сыфтыл ссарут аргъау «Лаку къæвда куыд æлхæдта»
🌺 Бакæсут аргъау, æрхъуыды йын кæнут кæрон.
🌺 Сисут видеоролик æмæ йæ æрбарвитут нæ чатмæ Телеграммы.
Литературон æркасты бацархайын йæ бон у рæвдауæндоны хъомылгæнинагæн æмæ скъоладзаутæн.
Æркастмæ æрмæг æрбарвитæн ис 5-æм августмæ.
Уæлахиздзауты сбæpæг кæндзысты редакцийы кусджытæ.