Литературон æркаст «Нæ хурты хуртæн»

Абон нæм редакцимæ ‘рбацыд Мальвинæ. Тынг æй фæнды, цæмæй нæ сабитæ бацархайой нæ литературон æркаст «Нæ хурты хуртæн»-ы.

 

Æркасты домæнтæ сты хуымæтæг:

 

🌺 Журнал «Ногдзау»— ы 3 номыры 38-39 сыфтыл ссарут аргъау «Лаку къæвда куыд æлхæдта»

🌺 Бакæсут аргъау, æрхъуыды йын кæнут кæрон.

🌺 Сисут видеоролик æмæ йæ æрбарвитут нæ чатмæ Телеграммы.

 

Литературон æркасты бацархайын йæ бон у рæвдауæндоны хъомылгæнинагæн æмæ скъоладзаутæн.

 

Æркастмæ æрмæг æрбарвитæн ис 5-æм августмæ.

Уæлахиздзауты сбæpæг кæндзысты редакцийы кусджытæ.