Абон Ирыстон бæрæг кæны æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком

 

Æрвылаз дæр Цъæйы коммæ Рекомы сæйраг кувæндонмæ Ирыстоны алы къуымтæй æрцæуы бирæ адæм. Уыдон æртыгай æртæдзыхæттимæ цæудзысты сыгъдæг бынатмæ æмæ хуыцауæй курдзысты æнæниздзинад, фарн æмæ амонд.

 

Таурæгъмæ гæсгæ, раджы кæддæр Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн кувæндон саразын, æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм хъæдæрмæгæй. Ахæм бæлæстæ та зади æрмæстдæр Рекомы фæсхох хъæды. Уастырджи йæ галтæн ныффæдзæхста цъитиджын хæхты сæрты ахизын, уыцы хъæдмæ фæцæуын æмæ уырдыгæй хъæдтæ æрласын. Бæлæстæ сæхæдæг калдысты, уæрдæттæ сæхæдæг дзаг кодтой, æмæ галтæ уыцы æнахуыр хъæдæрмæг амынд фæндагыл ластой. Кувæндоны бынаты-иу уæрдæттæ сæхæдæг равдæлон сты, галтæ та фæстæмæ Уастырджимæ здæхтысты. Уыйадыл, зæгъы, Рекомы кувæндон сырæзт æнæ адæймаджы æххуысæй.

 

Ис ма ахæм таурæгъ, зæгъгæ, Нарт Батрадзы мæлæты фæстæ Хуыцау æрæппæрста æртæ цæссыджы. Сæ бынаты сæвзæрд рухс кувæндæттæ- урс Реком, сызгъæрин Таранджелос æмæ фыдбылызтæ сафæг Мыкалгабыртæ.