Доныскъæфæн

Ногбонæй æхсæз боны фæстæ æрбалæууы æндæр бæрæгбон — Доныскъæфæн. Адæмы уырнынадмæ гæсгæ, уыцы æхсæв суæрттæм æмæ цæугæдæттæм вæййы алæмæты удæгасгæнæн тых, уды йæ тæригъæдтæй сыгъдæггæнæн миниуджытæ.
Ирон адæм-иу Доныскъæфæнмæ нывæрдтой, Ногбоны-иу хыссæйæ цы нывгæндтæ скодтой (галы, фыркъайы, бæхы, похцийы, гутоны фигурæтæ), уыдон Фæлæ ма уымæй уæлдай рæвдз кодтой сой, цыхт, зады ссад, мæнæу кæнæ нартхоры нæмгуытæ, фыхтой тыппыронтæ (уыдон кодтой зады ссад æмæ дзуллаг ссады хæццæйæ). Райсом раджы-иу чызджытæ æмæ æрыгон сылгоймæгтæ ацы хæринæгтæ ахастой семæ æмæ-иу атындзыдтой суадонмæ. Алчидæр тырныдта, цæмæй уый раздæр бахæццæ уа суадонмæ, уымæн æмæ сæ уырныдта, зæгъгæ, раздæр чи бахæццæ уа, доны бардуаг йæ хорзæх уымæн ратдзæн. Суадоны был-иу скуывтой, стæй-иу уæливыхы цыхты мур кæнæ нард фыдæзгъæлы карст доны ныппæрстаид, цæмæй сын доны бардуаг — донычызджытæ сæ хорзæх ракæной. Доны-иу ныппæрстой хыссæйæ конд хæдзарон цæрæгойты æмæ кусæнгæрзты нывгондтæ дæр. Уыдон символикон æгъдауæй æвдыстой, бæркадджын тыллæг æмæ фосы цот фылдæр цæмæй кæной, уыцы фæндиæгтæ. Архайдтой æнæдзургæйæ, дзурын нæ фæтчыди. Сæ гогонтæ байдзаг кодтой донæй æмæ-иу хæдзармæ æрбаздæхтысты.
Донгарзæн-иу дон куы бахаста сылгоймаг хæдзармæ, уæд-иу бинонтæн раарфæ кодта, уый фæстæ-иу бинонты кæстæртимæ бахордтой, суадонмæ цы хæринæгтæ ахастой, уыдон.
Цы арфæтæгонд дон-иу æрбахастой хæдзармæ, уымæй-иу бинонтæ сæхи ныхсадтой, хыссæ-иу дзы скодтой, нуазгæ та дзы кодтой æххормагæй. Ацы дон-иу хæдзары къуымты бапырх кодтой, чи ма йæм-иу дзы баззад, уый та хæдзары æфсин дурыны нывæрдтаид æмæ-иу дзы æнæхъæн афæдзы дæргъы «хос кодтой».