Джеоргуыбайы бæрæгбон!

Ирон адæм!
Стыр бæрæгбæттæ æрхæццæ сты! Æмæ уæ сæ хорзæх уæд! Рæсугъдæй- рæсугъддæp уыл азæй- азмæ цæуæнт!
Хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис уыдон уын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой, ахæм амонд уын Стыр Хуыцау радтæт! Лæгты дзуар уын ахъаз кæнæд уе’ппæтæн дæр æмæ уæ йæ рахиз базыры бын дарæд!
Царды рæсугъд фæндæгтыл цæугæйæ, фыдбылызæй хызт ут! Бирæ азты æнæнизæй, æнæмастæй, хъæлдзæгæй æмæ зæрдæрухсæй уæ уарзон адæмимæ куыд бæрæг кæнaт, Стыр Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд!