Задалески Нана
Алантæ бирæ рæстæджы хъал цæмæй уыдысты, уыцы æнæкæрон сæрибардзинад цын фæстагмæ рацыдис стыр фыдбылызмæ. Алы хæстыты чи бахсыст, æмæ æгаддзинад йæ сæрмæ чи нæ хаста, уыцы адæм равзæрстой мæлæт цагъары царды бæсты.
1395 азы къуылых Тимур, йæ æнæнымæц æфсадимæ ныббырста аланты зæхмæ. Куыд зонæм афтæмæй, тæтæры разамонæг фыццаджыдæр æгъатырæй цагъта, æртасын чи нæ куымдта, уыцы адæмты. Аланты разамонджытæ, кæд хицæнтæй уыдысты хъайтар æмæ æхсарджын, уæддæр уыцы заманты кæрæдзиуыл хорз нал хæцыдысты, алчи йæхи зондæй архайдта. Утæппæт æфсæдты ныхмæ та иугай сæ бон уыдис æрмæстдæр тохы быдыры кадимæ мæлæт ссарын.
Дыууиссæдз азы фæстæ фæндаггон – историк Иосиф Барбаро бынæттон адæмы аланты тъæпæны нал федта. Аланты бæстæйæ рауадис тыгъд быдыр, фенæн ма дзы уыдис æрмæстдæр алайнаг обау-ингæнтæ. Адæмæй ма цы армыдзаг аирвæзт, уыдон сæхи бафснайдтой бæрзонд, æвадат хæххон кæмтты æмæ лæгæтты. Уым сарæзтой хъæутæ æмæ дзы фæцардысты цалдæр æнусы.
Тимуры ныббырсты заманы хабæрттæ ирон адæмæй рох нæ уыдысты. Лæвæрдтой сæ фыдæй фыртмæ таурæгъты æмæ зарджыты хуызы. Уыдонæн сæ зындгонддæр у «Задалескы Нанайы кадæг» – адæмы сæфты фæдыл зæрдæрыст хъарæг. Фæлæ йæ сæйраг нысан у мæгуыр сидзæр сывæллæтты ирвæзынгæнæг Нанайæн æнустæм кад скæнын.
Алайнаг сылгоймаг, сидзæр сывæллæттæй ма чи аирвæзт, уыдоны бамбырд кодта, æмæ сæ знæгтæй æмбæхсгæйæ, æхсæвыгæтты акодта хæхбæстæм. Афтæмæй бахызтысты æфцæджы сæрты, æмæ Задалескы æрцардысты. Фæхаста сæ кæрдæджытæй æмæ хъæды зайæгойтæй. Куы рахъомыл сты, уæд скодтой бинонтæ, фæцыдысты фæйнæрдæм. Уыдонæй рацыдысты бирæ хъæутæ æмæ мыггæгтæ.
Цымæ цавæр уыдис Задалескы Нана? Цы хуындис йæ ном? Цы мыггагæй уыдис? Мах уыцы фарстатæн æвæццæгæн дзуапп никуыуал ссардзыстæм.
Фæлæ Задалески Нана адæмы зæрдæты баззадис цард æмæ рухсдæттæг сылгоймагæй.
Дыгургомы алы сæрд дæр кæнынц Задалески Нанайы бæрæгбон. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр ын хистæртæ æрымысынц йæ рухс ном.
Нана из Задалеска
Безграничная свобода, которой так поклонялись аланы, обернулась для них трагедией. Народ, закаленный в военных баталиях рабству предпочел гибель. В 1395 году хромоногий Тимур двинул свои бесчисленные орды на алан. Предводитель монголо-татар, как известно, беспощадно расправлялся в первую очередь с непокорными народами.
Спустя сорок лет после трагических событий Иосиф Барбаро средневековый путешественник с грустью заметил, что коренных жителей на равнине он уже не застал, страна алан превратилась в безлюдную пустыню, усеянную многочисленными могильными курганами. Чудом, уцелевшие остатки аланского народа, нашли приют в труднодоступных горах Кавказа. Здесь они оказались недосягаемыми для тяжелой татаро-монгольской конницы.
События, связанные со временем нашествия Тимура на алан, оказались запечатленными в народной памяти, легендами, преданиями, песнями. К самой яркой из них можно отнести песню о Задалеской Нана, в ней поется о «железномордых волках Ахсак- Тимура».
По сути дела, песня о Задалеской Нана – это одновременно плач по поводу гибели целого народа и гимн женщине. Задалеская Нана – мать спасительница, собравшая вокруг себя осиротевших аланских детей. Кормила она их растениями, которые собирала в лесу. Когда дети повзрослели, они начали создавать свои семьи и уходить в разные места. От них произошло много сёл и фамилий.
Кто скрывается под именем Задалеской Нана? Об этом история молчит. Правда, имя общей матери, связывают с горным селением Задалеск. Старики еще вспоминают о старинном склепе, в котором покоились останки неизвестной женщины, возможно той самой – Нана Задалеской.
В Дигории, традиционно летом отмечают праздник в честь спасительницы всеобщей Матери – Задалеской Нана, которая в осетинском сознании стала символом женщины, дарующей людям и свет и добро. Мать – спасительницу почитают и мужчины. В Дигории и сегодня, старший за столом не забудет упомянуть имя Задалеской Нана.